филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:24 суббота, 31 января 2026
19 ноября 2024, 11:04
Сергей Меняйло фембæлд сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты сывæллæттимæ

Мадзал арæзт æрцыд Уæллаг Фыййагдоны фæсивæдон центр «Барс»-ы

Сергей Меняйло фембæлд сæрмагонд æфсæддон операцийы чи фæмард, æмæ æбæрæгæй чи фæсефт, уыцы архайджыты сывæллæттимæ. Мадзал арæзт æрцыд Уæллаг Фыййагдоны фæсивæдон центр «Барс»-ы. Фембæлды архайджытæ бадтысты арты алыварс, зарыдысты уарзон зарджытæ гитарæйы цагъдмæ. Сывæллæттæн бацæттæ кодтой тур. Уымæ гæсгæ бабæрæг кодтой Уæлладжыры æмæ Куырттаты комы рæсугъд бынæттæ. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Арты алыварс уарзон зарджытæ гитарæйы цагъдмæ. Ахæм зæрдæхæлар уавæры ацыд Сергей Меняйлойы фембæлд сæрмагонд æфсæддон операцийы чи фæмард, æмæ æбæрæгæй чи фæсефт, уыцы архайджыты сывæллæттимæ. Мадзал уыд фæсивæдон центр «Барс»-ы.  Арæзт æрцыд хæрзаудæн проектмæ гæсгæ республикæйы сæргълæууæджы æмæ регионалон туроператоры хъæппæрисæй. Сергей Меняйло аныхас кодта сывæллæттимæ æмæ базыдта сæ рæстæг куыд æрвитынц, уый. Рæзгæ фæлтæр ын радзырдтой се *нкъарæнты, стæй цавæр бынæттæ бабæрæг кодтой, уый тыххæй.

Сывæллæттæн бацæттæ кодтой цымыдисаг программæ. Ахаста 2 боны. Архайдтой дзы 40 сывæллоны 9-æй 14 азы онг кæуыл цæуы, ахæмтæ. Бабæрæг кодтой Уæлладжыры æмæ Куырттаты комы рæсугъд бынæттæ. Уыдысты Къостайы хæдзар-музейы, сылгоймæгты æмæ нæлгоймæгты моладзандонты, Зæрæмæджы донæвæрæны.

Ныртæккæ хæрзаудæн проект фæнд кæнынц федералон æмвæзаджы онг фæуæрæхдæр кæнын. Сергей Меняйло куыд загъта, афтæмæй ныридæгæн баныхас кодтой иннæ субъектты сæргълæуджытимæ. Экскурсион турты географи сындæггай парахатдæр кæндзæн. Ацы хъуыды сæвзæрд, Цæгат Ирыстонмæ Ярославлы облæстæй сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты сывæллæттæ куы ссыдысты, уый фæстæ.

Баныхас кодтой «Роскосмос»-имæ дæр. Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг радзырдта, иннæ аз сæрмагонд операцийы архайджыты сывæллæттæ кæй бабæрæг кæндзысты космодромтæй иу æмæ фендзысты ракетæ куыд суаддзысты, уый.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania