филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

16:43 суббота, 31 января 2026
19 ноября 2024, 11:09
Дзæуджыхъæуы 11-æм скъолайы арæзт æрцыд республикæйы ахуырады форум «В фокусе – семья»

Архайдтой дзы ахуырады къабазы фæлтæрдджын ахуыргæнджытæ, æрыгон педагогтæ æмæ ныййарджытæ

Дзæуджыхъæуы 11-æм скъолайы арæзт æрцыд республикæйы ахуырады форум «В фокусе – семья». Архайдтой дзы ахуырады къабазы фæлтæрдджын ахуыргæнджытæ, æрыгон педагогтæ æмæ ныййарджытæ. Спорт æмæ туризм, ахуырад æмæ наукæ, культурæ æмæ аивад, патриотизм æмæ истори. Форумы программæ уыд алывæрсыг. Дзырдтой бинонты æмæ скъолайы, нырыккон ахуырадон технологиты æмæ зонадон æнтыстыты ахадындзинады тыххæй сывæллæтты хъомылады æмæ ахуырады. Форум сарæзтой бинонты азы фæлгæты республикæйы ахуырады министрады, ахуырады кусджыты дæсныйад фылдæр кæныны институты æмæ ахуырады хуыздæр педагогты Ассоциаци «Учитель года»-йы кусджытæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania