19 ноября 2024, 11:12
ЦИПУ-йы арæзт æрцыд географион диктант
Йæ саразæг æрвылаз вæййы Уырыссаг географион Æхсæнад
ЦИПУ-йы арæзт æрцыд географион диктант. Уый у æппæтадæмон рухстауæн акци. Йæ саразæг æрвылаз вæййы Уырыссаг географион Æхсæнад. Акцийы нысан у географийæ зонындзинæдтæ парахат кæнын æмæ Уæрæсейы географимæ цымыдисдзинад æвзæрын кæнын. Акцийы алы аз дæр фæархайы Уырыссаг географион Æхсæнады цæгатирыстойнаг хайад дæр. ЦИПУ-мæ ацы хатт æрбацыд 300 адæймагмæ хæстæг. Уыдон 45 минутмæ дзуæппытæ лæвæрдтой 40 фарстæн Уæрæсейы географийæ.
темæмæ гæсгæ




