филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:07 воскресенье, 24 ноября 2024
23 ноября 2024, 12:42
«Фыццæгты змæлды» республикон хайад æмæ бæхты-спортивон скъола иумæ сарæзтой экскурси, йе *нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, ахæм сывæллæттæн

Акци арæзт æрцыд, Ирыстойнаг районы адæмæн социалон лæггæдтæ кæныны комплексон центры æмæ сæ хъустæ хъыгдард кæмæн сты, уыцы сæрмагонд коррекцион скъола-интернаты хъомылгæнинæгтæн

«Фыццæгты змæлды» республикон хайад æмæ бæхты-спортивон скъола иумæ сарæзтой экскурси, йе *нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, ахæм сывæллæттæн. Акци арæзт æрцыд, Ирыстойнаг районы адæмæн социалон лæггæдтæ кæныны комплексон центры æмæ сæ хъустæ хъыгдард кæмæн сты, уыцы сæрмагонд коррекцион скъола-интернаты хъомылгæнинæгтæн.  Сывæллæттæ бæхтæн лæвæрдтой алыхуызон хæринæгтæ, семæ систой сæ къамтæ. Базонгæ сты пони Боняимæ. Рæзгæ фæлтæримæ аныхас кодтой скъолайы директоры хæдивæг Дзтиаты Элинæ æмæ тренер, спорты мастер, Уæрæсейы чемпион Хъуысаты Алан. Экскурсийы размæ сывæллæттæн скодтой инструктаж, уый фæстæ сын радзырдтой бæхты тыххæй цымыдисаг историтæ. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, бæхты-спортивон республикон скъола Уæрæсейы у иунæг, сывæллæтты лæвар кæм ахуыр кæнынц, ахæм.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania