Архайдзысты дзы 2012–æм – 2013–æм азты гуырд лæппутæ, æдæппæтæй 13 командæйы
Райсом 24-æм ноябры Дигорайы, спортивон-дзæбæхгæнæн комплекс «Алькор»-ы ацæудзысты, Дыгуры районы раздæры сæргълæууæг Бердиты Солтаны номыл ерыстæ уæгъдибар хъæбысхæстæй. Арæзт цæуынц10-æм хатт. Архайдзысты дзы 2012–æм – 2013–æм азты гуырд лæппутæ. Æдæппæтæй 13 командæйы. Сæ географи у уæрæх. Турниры сæйраг тæрхонгæнæг у æппæтдунеон категорийы тæрхонгæнæг Махъоты Æхсар. Мадзал арæзт цæуы Бердиты Солтаны кæстæрты хъæппæрисæй. Сæ кадджын хистæр йæ фæстæ ныууагъта рæсугъд фæд. Йæ фæрнджын хъуыддæгтæ йæ номимæ цæмæй цæрой, уый та у ацы мадзалы нысан. Уыимæ фæсивæдæн раттын ноджыдæр ма сæхи бафæлварынæн фадат. Фæбæрæг кæнын ма хъæуы уый дæр, æмæ афæдзæй-афæдзмæ турниры архайджыты нымæц кæй фылдæр кæны. Суинаг богæлттæ фенхъæлмæ кæсынц радон спортивон фембæлдмæ. Уæлахиздзаутæм æнхъæлмæ кæсынц кубоктæ, кады гæххæттытæ, æхцайы призтæ. Лæвæрд ма æрцæудзæсты сæрмагонд призтæ дæр – «Хуыздæр техникæйы», «Уæлахизмæ тырнындзинады», «Спортуарзджыты зæрдæмæ тынгдæр чи фæцыд», стæй «Æппæтæй кæстæр архайæгæн».