04 декабря 2024, 10:36
«Аланты ныхас»-ы Мæздæггаг хайады хъæппæрисæй Мæздæджы арæзт æрцыд стыр мадзал «Уæрæсейы тых – адæмты иудзинады æмæ хæлардзинады»
Райдыдта Мады Майрæмы аргъуаны территорийы Архистратиг Михаилы скульптурæ байгом кæнынæй
«Аланты ныхас»-ы Мæздæггаг хайады хъæппæрисæй Мæздæджы арæзт æрцыд стыр мадзал «Уæрæсейы тых – адæмты иудзинады æмæ хæлардзинады». Райдыдта Мады Майрæмы аргъуаны территорийы Архистратиг Михаилы скульптурæ байгом кæнынæй. Архайдтой дзы районы хицауадон оргæнты æмæ æхсæнадон организациты минæвæрттæ, диныл хæст адæм, Дзæуджыхъæуæй кадджын уазджытæ. Мадзалы сæйраг хай уыд районы культурæйы галуаны. Районы цæрджыты æмæ уазджыты размæ сæ хуыздæр номыртæ рахастой Кавказы алы субъекттæй сфæлдыстадон архайджытæ. Мадзал аразджытæ куыд загътой, афтæмæй аивад у, милуангай адæмы знагимæ ныхмæлæуды чи иу кæны, ахæм фæрæз.




