филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

22:45 суббота, 31 января 2026
05 декабря 2024, 11:06
Дзанайты Барисы разамындæй ацыд бирæвæрсыг центрты хызты райрæзты фарстаты фæдыл æмбырд

Цæгат Ирыстоны территорийы кусы бирæвæрсыг центрты 11 филиалы, 3 дзы ис горæты, 8 районты, 64 хицæн структурон дæлхайады, иу та æрмæст чысыл бизнесимæ чи кусы, ахæм

Дзанайты Барисы разамындæй ацыд бирæвæрсыг центрты хызты райрæзты фарстаты фæдыл æмбырд. Цæгат Ирыстоны территорийы кусы бирæвæрсыг центрты 11 филиалы, 3 дзы ис горæты, 8 районты, 64 хицæн структурон дæлхайады, иу та æрмæст чысыл бизнесимæ чи кусы, ахæм. Адæм лæггæдтæ кæм исынц, уыцы бынæттæ сты 207. Бирæвæрсыг центры директор Цуциты Иннæ куыд фæнысан кодта, афтæмæй абоны онг дæттынц  388 федералон, регионалон æмæ муниципалон лæггады. Иу рудзынджы уылты лæггæдтæ исын йæ бон кæмæн у, ахæм цæрджыты нымæц у 99% онг. Цæгат Ирыстоны алы бирæвæрсыг центры райсæн ис æппæт лæггæдтæ дæр. Дзанайты Барис бахæс кодта æппæт филиалтæм ведомствæты цæстдард куыд цæуа, уый.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania