филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

23:13 суббота, 31 января 2026
05 декабря 2024, 11:03
Таксийы лæггæдты æргътæ кæддæриддæр æхсæнадон транспортæй бæрзонддæр уыдысты. Фæлæ ныр уавæр ноджы тынгдæр аивта

Æргътæ кæй бæрзонддæр кæнынц, уымæ йе ргом раздæхта монополиты ныхмæ федералон службæ дæр

Таксийы лæггæдты æргътæ кæддæриддæр æхсæнадон транспортæй бæрзонддæр уыдысты. Фæлæ ныр уавæр ноджы тынгдæр аивта. Зæгъæм, иу маршрутыл ацæуынæн алы сахатты æмæ ма суанг алы минутты дæр бафидын фæхъæуы алыхуызон фæрæзтæ. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

«Фидын дæ нæ фæнды, уæд маршруткæйыл ацу». Ацы ныхас, æвæццæгæн, таксийы лæггæдты æргътыл чи хъаст кодта, уыдонæй алчидæр фехъуыста. Фæлæ иу æхсæнадон транспортыл дæр куыстмæ афоныл бахæццæ уæвын куы нæ уа, уæд та куыд. Ахæм уавæры ис Дзгойты Алинæ. Куыд зæгъы, афтæмæй такси баххуырсын йедтæмæ йын, æндæр гæнæн нæй.

Æргътæ ма ноджы бæрзонддæр схизынц æвзæр боны ахаст куы вæййы, уæд. Тыхджын къæвда кæнæ мит куы фæуары, уæд таксийыл æдзух чи фæцæуы, уыдон дæр равзарынц æхсæнадон транспорт. Уæгъд машинæмæ æнхъæлмæ кæсын фæхъæуы 15 минуты онг, балцы аргъ свæййы 2 хатты фылдæр. Афтæ цæмæ рауайы, уый тыххæй бæлццæттæ арæх бафæрсынц шофырты. Фæлæ уыдон сæхæдæг ахæм уавæры аххос цы у, уый нæ зонынц.

Æргътæ кæй бæрзонддæр кæнынц, уымæ йе ргом раздæхта монополиты ныхмæ федералон службæ дæр. Ныртæккæ центрон аппарат уавæрæн анализ кæны.

Ныр та уал бæлццæтты хъæуы æвзарын – фылдæр бафидын æмæ тагъд стæй зæрдæмæдзæугæ уавæрты бахæццæ уæвын, кæнæ та сфæртауæрц кæнын æмæ æхсæнадон транспортыл ацæуын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania