Ацы ахсджиаг хъуыддæгтыл ныхас цыд Дзæуджыхъæуы 30-æм скъолайы лæгдзинады урокы. Арæзт æрцыд сæрмагонд æфсæддон операцийы ветеранты ассоциацийы минæвæртты хъæппæрисæй
Хæстон æфсымæрад, хæлардзинад æмæ хистæртæн кад. Ацы ахсджиаг хъуыддæгтыл ныхас цыд Дзæуджыхъæуы 30-æм скъолайы лæгдзинады урокы. Арæзт æрцыд сæрмагонд æфсæддон операцийы ветеранты ассоциацийы минæвæртты хъæппæрисæй. Уыдон ахуырдзаутæн радзырдтой фронтимæ баст бирæ историтæ. Аныхас кодтой, куыд ахсджиаг у райгуырæн бæстæйы патриот уæвын, хистæртæм хъусын, хорз ахуыр кæнын, цæмæй фидæны фыдыбæстæйæн кад кæнай, уый тыххæй. Хъæбатыртæ кæстæртæн радзырдтой се нкъарæнты тыххæй. Æрымысыдысты, сывæллæттæ сæм цы фыстæджытæ фыстой, æмæ сæ сæ зæрдæйы бын куыд хъахъхъæдтой, уый. Загътой ма, фронтмæ писмотæ сын стыр ныфс æмæ хъару кæй дæттынц. 30-æм скъолайы ахуырдзаутæ йæ хорз зонынц, æрыгон хъæбатыртæ райгуырæн зæхх куыд хъахъхъæнынц, уый. Скъолайы рауагъдонтæй бирæтæ ныртæккæ тох кæнынц фронты, чидæрты фæмардысты. Зæгъдзыстæм ма уый дæр, æмæ ацы фембæлд арæзт æрцыд ныййарджыты комитеты хъæппæрисæй. Йæ саразыныл та бакуыстой сæрмагонд æфсæддон операцийы ветеранты ассоциаци, Адæмон Фронт æмæ Уæрæсейы æхсæнад «Знание».




