ирæсывæллонджын æмæ фæкæсынхъуаг бинонтæн лæвæрд цæуынц родтæ. Æртæ азы æмгъуыдмæ сæ нæй уæй кæнæн æмæ искæмæн лæвар кæнæн
«Зæрдæйæ зæрдæмæ». Æппæтуæрæсеон акци Цæгат Ирыстоны цæуы 10 азы. Бирæсывæллонджын æмæ фæкæсынхъуаг бинонтæн лæвæрд цæуынц родтæ. Æртæ азы æмгъуыдмæ сæ нæй уæй кæнæн æмæ искæмæн лæвар кæнæн. Уыцы рæстæгмæ йæхицæн род куы фæзына, уæд уый та раттынц æндæр фæкæсынхъуаг бинонтæн. Адæмон фронт æмæ «Бирæсывæллонджын бинонты иугонд» сты проект аразджытæ. Бæстондæр радзурдзæн Чехойты Фатимæ.
Æхполæттæ род Манечкæмæ æнхъæлмæ кастысты сæ бинойнаджы хуызæн. Сывæллæттæй тынгдæр ыл хистæртæ цин кæнынц. Уый у се *ххуысгæнæг. Æхсыр, æхсыры сæртæ, цыхт, къæдоры цыхт… Ныр сæ ацы хæринæгтæ æлхæнын нал хъæудзæн.
Æхполæтты хæдзары ис 5 сывæллоны. Æхсырæй конд хæринæгтæ сæ алчидæр зæрдиагæй хæры. Уымæ гæсгæ сын ацы лæвар æхсызгон у. Бирæсывæллонджын бинонтæн æй радтой Цæрæктæ Дыгуры районæй. У, уыдон æртæ азы кæй фæхастой, уыцы дыгæрдыджы род. Маняйæн йæхицæн род куы фæзына, уæд æй Æхполæттæ дæр ратдзысты æндæр бинонтæн. Афтæмæй ма ноджыдæр иу фæкæсынхъуаг бинонтæм фæзындзæн сæхи хъæууон хæдзарад.
Адæмон фронты проект «Зæрдæйæ зæрдæмæ» æххæстгонд цæуы 10 азы. Уыцы рæстæгмæ хи хъæууон хæдзарад фæзынд 300 бинонтæй фылдæрмæ.




