филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

23:13 суббота, 31 января 2026
07 декабря 2024, 11:28
Алагиры районы 3 скъолайы ахуырдзаутæ, сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæйы чи тох кæны, уыцы хæстонтæн аразынц  цырæгътæ

Ацы ахсджиаг хъуыддаджы сын æххуыс кæнынц Цæгат Кавказы хъæды техникумы ахуыргæнджытæ

Фронты æууæнкджын фæсчъылдым – хъæддых хæст! Алагиры районы 3 скъолайы ахуырдзаутæ, сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæйы чи тох кæны, уыцы хæстонтæн аразынц  цырæгътæ. Ацы ахсджиаг хъуыддаджы сын æххуыс кæнынц Цæгат Кавказы хъæды техникумы ахуыргæнджытæ. Мыдадзын цырæгътæ Запорожьейы облæстмæ арвитдзысты парти «Иугонд Уæрæсе»-йы адæмон программæ æмæ акци «Мах стæм иумæ» æххæстгæнгæйæ. Чехойты Фатимæйæн ныхасы бар. Акъоппыты цырæгътæ хæстонтæн сты тынг хъæугæ. Аразынц сæ Алагиры арæнхъахъхъæнджыты æрыгон хæлæрттæ Цæгат Кавказы хъæды техникуму. Ныридæгæн цæттæ сты 300 мыдадзын цырагъы. Фæнд ма кæнынц саразын 600. Скъоладзаутæ архайынц лæмбынæг æмæ тагъд. Алкæйы размæ дæр сæ æвæрд ис йæхи хæс. Алчидæр сæ зоны – уæлахиз бантысдзæн иумæйаг тыхтæй.

Акъоппытæн цырæгътæ скъоладзаутæ ахуыргæнджыты разамындæй аразынц, сæхæдæг кæй  æрхъуыды кодтой, ахæм сæрмагонд технологимæ гæсгæ. Акцийы активонæй архайы Цæгат Кавказы хъæды техникумы ахуыргæнæг 93-аздзыд  Роальд Каупуш. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты æмæ йæ фæстæ уæззау азты æвдисæн хорз зоны, хæстонтæн куыд ахсджиаг у фæсчъылдымæй æххуыс, уый.

Къуымбил цъындатæ, нуазыны дон, сæкæр æмæ ма бирæ æндæр хæринæгтæ.  Гуманитарон æххуыс цæттæ кæнынц республикæйы цæрджытæ парти «Иугонд Уæрæсе»-йы дыууæ программæйы æххæст кæнгæйæ.

Алагираг чызджытæ æмæ лæппутæ ахуыргæнджыты æххуысæй зæрдиагæй архайынц. Фæнды сæ хæстонтæн сæ уавæр фæрогдæр кæнын. Ахæм ахадгæ æххуысыл та æфсæддонтæ зæрдиагæй бацин кæнынц.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania