Хуынд æм æрцыдысты, «Альфæ» æмæ «Вымпел»-æй ам чи фæмард, уыцы лæппуты хиуæттæ дæр
Беслæны ног фыццæгæм скъолайы арæзт æрцыд фембæлд скъоладзаутæ æмæ, 2004-æм азы амынæты бахауджыты фервæзын кæныныл чи архайдта, уыцы æфсæддонтæн. Хуынд æм æрцыдысты, «Альфæ» æмæ «Вымпел»-æй ам чи фæмард, уыцы лæппуты хиуæттæ дæр. Скъола хæссы Уæрæсейы сæрмагонд оргæнты хъайтарты ном. Ахæм мадзæлтты ног фыццæгæм скъолайы кълæстæн лавæрд æрцæуынц Фыдыбæстæйы хъайтарты нæмттæ. Ныридæгæн ахуыргæнæндоны ис 42 ахæм къласы. Бæлвырддæр радзурдзæн Чехойты Фатимæ.
Беслæны теракт адæмы зæрдæты цы ностæ ныууагъта, уыдон дзæбæх кæнынæн рæстæг æххуысгæнæг нæу. 20 азы рацыд, зæххы къори йе *гъатырдзинадæй чи сæнкъуысын кодта, уыцы трагедийæ. Йæ цард скъолайы кæмæн аскъуыд, уыдоны нæмттæ рох не сты. Сæрмагонд дæлхайæдты хъайтарты ном хæссæг Беслæны ног фыццæгæм скъолайы трагикон историмæ ис сæрмагонд ахаст. Кълæстæ хæссынц, амынæты уæвджыты чи ирвæзын кодта æмæ сæ сæхицæй чи æмбæрзта, уыцы «Альфæ» æмæ «Вымпел»-ы æфсæддонты нæмттæ. Фыдыбæстæйы хъайтарты бон скъолайы рауад уæлдай зæрдæмæхъаргæ.
Æмбырды архайынмæ хуынд æрцыдысты, амынæты уæвджыты чи ирвæзын кодта, уыдон, æмæ йæ цард скъолайы кæмæн аскъуыд, уыцы æфсæддонты хиуæттæ дæр. Уазджытæ арфæйы ныхæстæ загътой сывæллæттæн, кълæстæн та радтой хъайтарты нæмттæ. Скъоладзаутæ акодтой патриотизмы темæйыл зарджытæ æмæ национ кæфтытæ. Мадзалы архайджыты иумæйаг къамист уыд фембæлды кæронбæттæн.
Скъолайы рауагъдонтæй бирæтæ ныры онг дæр ма хъуыды кæнынц сæ кълæстæн кæцы хъайтарты нæмттæ лæвæрд уыд, уый. Теботы Фатимæ ахуыргæнæгæй æрбаздæхт скъоламæ. Ныр йæхæдæг фааразы патриотон мадзæлттæ. Афæдзы дæргъы феххуыс кæны Лæгдзинады уроктæ æмæ сæрмагонд дæлхайæдты хъайтарты бон кæнынæн.
Ацы традици скъолайы ныффидар 2010 азы. 42 къласы хæссынц хъайтарты нæмттæ. Ахæм мадзæлтты руаджы сывæллæтты зæрдæты фидар кæны патриотизм, хъахъхъæд цæуы истори, цæмæй фидæны хызт уæм æгъатыр цаутæй.




