филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:31 вторник, 03 ноября 2026
14 декабря 2024, 10:02
Æрыдоны уыд номдзыд фæндырдзæгъдæг Реуазты Симæйы мысæн изæр

Реуазты Симæ сси, адæмон музыкалон инструмент нотæтæм гæсгæ кæй руаджы зæлын райдыдта, уыцы фыццаг фæндырдзæгъдæг

Æрыдоны уыд номдзыд фæндырдзæгъдæг, Уæрæсейы сгуыхт артисткæ Реуазты Симæйы мысæн изæр. Реуазты Симæ сси, адæмон музыкалон инструмент нотæтæм гæсгæ кæй руаджы зæлын райдыдта, уыцы фыццаг фæндырдзæгъдæг. 60 азæй фылдæр фæкуыста аивæдты республикон колледжы æмæ схъомыл кодта курдиатджын ахуырдзауты цалдæр фæлтæры. 40 азæй фылдæр уыд адæмон инструментты национ оркестры солисткæ. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Йæ къухты-иу ирон фæндыр зарыд, цыма уымæн уд уыдис, афтæ. Æмæ йын уыцы уд лæвар кодта Реуазты Симæ. Музыкæ æгæронæй уарзгæйæ, йæ уарзын кодта, иу хатт ын йæ цагъд чи фехъуыста, уыдонæн се ппæтæн дæр. Реуазты Симæйæн аивад сси йæ царды нысан. 14 азы йыл куы цыд, уæд сфæнд кодта йæ цард музыкæимæ сбæттын. Хæдахуыр фæндырдзæгъдæгæй сырæзт стыр профессионалы онг. Кад кодта, æрмæст йæ мыггагæн нæ, фæлæ æппæт Ирыстонæн дæр.

Реуазты Симæ сси, адæмон музыкалон инструмент нотæтæм гæсгæ кæй руаджы зæлын райдыдта, уыцы фыццаг фæндырдзæгъдæг. Æмæ у, реконструкцигонд хроматикон фæндырыл цæгъдын чи базыдта, уыдонæй фыццæгтæй иу. Алы хъуыддаджы дæр уыд курдиатджын. Бантыст ын æрмæст дæсны музыкант нæ, фæлæ фæлмæн мад суæвын дæр.  Йæ бинонтæ Реуазты Симæйæн кæддæриддæр уыдысты фыццаг бынаты. Цасфæнды куыст ын-иу куыд, æмæ-иу тынг фæллад куы уыд, уæддæр сæйрагдæр нæ рох кодта – йæ сывæллæтты хъомалыд.

Йæ ахуырдзаутæн Симæ уыд фæлмæн æмæ зæрдæхæлар педагог. Æдзухдæр сæ разæнгард кодта.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania