филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:40 вторник, 03 ноября 2026
17 декабря 2024, 11:48
Дзанайты Азанбеджы номыл аивадон училищæйы педагогтæ æмæ студенттæ сцæттæ кодтой акъоппы цырæгъты радон парти

Арвитдзысты сæ сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæмæ. Æдæппæтæй сты 400-йы бæрц

Дзанайты Азанбеджы номыл аивадон училищæйы педагогтæ æмæ студенттæ Ног азы агъоммæ сцæттæ кодтой акъоппы цырæгъты радон парти. Арвитдзысты сæ сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæмæ. Æдæппæтæй сты 400-йы бæрц. Ацы фæрæзтæ фронты хъæугæ сты. Цырæгътæ судзынц 6-æй 8 сахаты онг. Хойраджы парафин фæздæг нæ кæны æмæ йын нæй тæф. Уый фæрцы хæстоны позици нæ раргом уыдзæн. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Ам кусынц æппæт тыхæй. Дзанайты Азанбеджы номыл аивадон училищæйы педагогтæ æмæ студенттæ сæрмагонд æфсæддон операцийы фыццаг бонтæй фæстæмæ цæттæ кæнынц акъоппы цырæгътæ. Ам алкæмæндæр ис йæхи хæс. Директор Хетæгкаты Аслан куыд зæгъы, афтæмæй уый уыд иумæйаг хъæппæрис, ацы хъуыддагæй иуварс ничи æрлæууыд. 2 азæй фылдæр рæстæгмæ хæстон цауты зонæмæ арвыстой мингай цырæгътæ. Æмæ ууыл куыст не *рлæууыд.

Æфсæддон уацхæссæджы телеграм-каналы базыдтой акъоппы цырæгътæ цæттæ кæныны технологи. Хуыйны «улитка». Картон здыхтæй сæвæрынц банкæйы, æмæ йæ байдзаг кæнынц хойраджы парафинæй.

Цырæгътæ цæттæ кæнынæн æрмæджытæ æлхæнынц сæхæдæг интернет-дуканиты. Банкæтæ рагагъоммæ бацæттæ кæнынц — сæ кæрæттæ хъуамæ цыргъ ма уой, цæмæй æнæнхъæлæджы хæстон йæхи ма алыг кæна. Картон кæрдынц линейкæмæ гæсгæ, алцыдæр хъуамæ бæлвырд уа. Пайда кæнынц хойраджы парафинæй. Нæй йын тæф, æмæ фæздæг нæ кæны. Училищæ æмгуыстад кæны Адæмон фронтимæ æмæ «Аланты ныхас»-имæ. Уыдоны фæрцы гуманитарон æххуыс бахæццæ вæййы сæрмагонд операцийы зонæмæ. Ног азы агъоммæ ам бацæттæ кодтой радон парти – 400 цырагъы бæрц. Хæстæгдæр рæстæг æрвыст æрцæудзæн.

Ацы хъуыддагмæ йе вæрæн бахæссыны фадат ис алкæмæн дæр. Кæй фæнды, уыдонæн сæ бон у акъоппы цырæгътæ цæттæ кæнынæн хъæугæ æрмæджытæ æрбахæссын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania