филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

16:44 пятница, 19 июня 2026
17 декабря 2024, 11:23
Стадион «Динамо»-йы арæзт æрцыдысты «Хъæлдзæг старттæ»

Æрвылазон спортивон ерысты архайдтой æдасдзинады оргæнты кусджыты сывæллæттæ

Стадион «Динамо»-йы арæзт æрцыдысты «Хъæлдзæг старттæ». Æрвылазон спортивон ерысты архайдтой æдасдзинады оргæнты кусджыты сывæллæттæ. Лæппутæ æмæ чызджытæ ерыс кодтой алыхуызон эстафетæты: къахдзоныгътыл бырынæй, спортивон кусæнгæрзтимæ дугъ æмæ афтæ дарддæр. Уымæй дарддæр хызтысты цæлхдурты сæрты. Уыцы ерыс хуынди “Штурм”. Зæгъын хъæуы уый, æмæ «Хъæлдзæг старттæ» рæзгæ фæлтæры æмхиц кæнынц æнæниз цардыуагмæ, стæй ма сæм гуырын кæнынц патриотизмы æнкъарæнтæ. Æппæт архайджыты схорзæхджын кодтой кады гæххæттытæй, майдантæй æмæ зынаргъ призтæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania