филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:11 воскресенье, 22 декабря 2024
21 декабря 2024, 11:57
Сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн быйынц хъарм цъындатæ, хъуырбæттæнтæ æмæ худтæ

Алæкæмæн дæр фадат ис дæсныйадæвдисæг ахуырты бацархайынæн, æмæ афтæмæй гуманитарон æххуысмæ се вæрæн бахæссынæн

Дзæуджыхъæуы цæуы акци «Тепло для бойца». Сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн быйынц хъарм цъындатæ, хъуырбæттæнтæ æмæ худтæ.

Алæкæмæн дæр фадат ис дæсныйадæвдисæг ахуырты бацархайынæн, æмæ афтæмæй гуманитарон æххуысмæ се вæрæн бахæссынæн. Радих кодтой æппæт æмбæлгæ æрмæг. Адæмæн сæ бон у куыстытæ хæдзары кæнын. Пайда кæнынц алыхуызон æрмæджытæй. Æрмдæсныты иу кæны асхджиаг хъуыддаг – фронтæн баххуыс кæнын. Се рвыстæджыты ма бавæрынц сæ хъарм арфæтæ, хъазæнтæ – цæмæй салдæттæ сæхи хæдзары банкъарой, уый тыххæй. Ахæм æххуыс райсдзæн алы æфсæддон дæр. Мадзал саразджытæ сты – Адæмон фронты, стæй Дзæуджыхъæуы ирыстойнаг районы социалон лæггæдты центры минæвæрттæ. Акци æххæстгонд цæудзæн мартъийы онг.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania