Уый тыххæй Хицауады æмбырды фехъусын кодта фæндаггон хæдзарады Комитеты сæрдар Солиты Тариэль
Æфсæнвæндаджы транспорты фæндаггагæн льготæтæ райсдзысты скъолаты ахуырдзаутæ, стæй астæуккаг æмæ уæлдæр ахуыргæнæндæтты студенттæ. Уый тыххæй Хицауады æмбырды фехъусын кодта фæндаггон хæдзарады Комитеты сæрдар Солиты Тариэль. Льготæтæ хынцгæйæ, ныр фæндаггаг уыдзæн дыууæ хатты къаддæр. Дзæуджыхъæуæй Беслæнмæ электричкæйыл цæугæйæ, фæсивæд 27 сомы бæсты фиддзысты 13 сомы. Дзæуджыхъæуæй Елхотмæ та – 68 сомы бæсты – 34. Уымæй дарддæр ма æмбырды ныхас цыд нæ регионы фæндаггон рæзты стартегийыл 2030-æм азы онг. Дзанайты Барис куыд загъта, афтæмæй уый у ахсджиаг къабаз социалон-экономикон рæзты, æмæ ацы къабазы куыстмæ хъæуы бæстон кæсын. Æнæниздзинадхъахъхъæнынады министр Тебиаты Сослан радзырдта паддззахадон гарантиты территориалон проекты тыххæй. Уымæ гæсгæ 2025-27-æм азты адæмæн кæндзысты лæвар медицинон æххуыс.




