25 декабря 2024, 10:36
Фæкæсынхъуаг æмæ бирæсывæллонджын бинонтæй мингай сывæллæттæ адджын лæвæрттæ райстой Мæхъиты Зурабæй
Традицимæ гæсгæ, ныр 8-æм аз, Ног азы агъоммæ фæкæсынхъуаг бинонтæ бæрæгбоны лæвæрттæ исынц хæрзаудæн фонд «Фарн»-æй
Фæкæсынхъуаг æмæ бирæсывæллонджын бинонтæй мингай сывæллæттæ адджын лæвæрттæ райстой Паддзахадон Думæйы Депутат Мæхъиты Зурабæй. Традицимæ гæсгæ, ныр 8-æм аз, Ног азы агъоммæ фæкæсынхъуаг бинонтæ бæрæгбоны лæвæрттæ исынц хæрзаудæн фонд «Фарн»-æй. Афæдзæй-афæдзмæ хыгъд кæны фылдæр, æмæ та ацы аз дæр ног бинонтæ Ног азы къæсæрыл æхсызгонæй райстой æнæнхъæлæджы лæвæрттæ.




