филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

14:15 вторник, 03 ноября 2026
25 декабря 2024, 10:37
Парти «Иугонд Уæрæсейы» цæгатирыстойнаг хайады арæзт æрцыд акци «Бæллицты заз бæлас»

Митын Дадайы сурæт сæхиуыл сбарстой — парламенты депутаттæ

Бæрæгбоны арфæтæ ракæнын æмæ бæллицтæ сæххæст кæнын. Ног азы агъоммæ парти «Иугонд Уæрæсейы» цæгатирыстойнаг регионалон хайады арæзт æрцыд акци «Бæллицты заз бæлас». Митын Дадайы сурæт сæхиуыл сбарстой — парламенты депутаттæ, фракцийы разамонæг Цæгат Ирыстоны Тускъаты Таймуразимæ иумæ. Бæллицтæ та уыдысты алыхуызон: сфæлдыстадæн кусæнгæрзтæ, электросамокаттæ, рухсгæнæн стъолтæ ныв кæнынæн æмæ лæвæрттæ-сюрпризтæ. Ныр фæндзæм аз фæд-фæдыл арæзт цæуы хæрзаудæн акци, æмæ сабиты бæллицтæ сæххæст кæнынц Ног азы бæрæгбоны агъоммæ. Фæлæ партийы регионалон хайад æрмæст ууыл не рлæууы. Къуырийы дæргъы арфæтæ ракæнынц хæсты ветерантæн дæр. Бæрæгбæттæ арæзт æрцæуынц сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты сывæллæттæн, стæй йе нæниздзинад цудыд кæмæн у, ахæм сабитæн. Декабры бæрæггонд фæцæуы партийы бон. Уый кадæн алы аз дæр ацы афон арæзт фæцæуынц хорз хъуыддæгтæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania