Ног Азы диссæгтæ аразæджы резиденци ацы аз æрбынат кодта Сæрибары фæзы
Январы бæрæгбæтты рæстæг уæлдай уарзон свæййы Митын Дадайы хæдзар. Ног Азы диссæгтæ аразæджы резиденци ацы аз æрбынат кодта Сæрибары фæзы. Алы бон дæр 15 сахатæй изæры 8 сахаты онг арæзт фæцæуынц дæсныйадæвдисæг ахуыртæ æмæ æндæр цымыдисаг мадзæлттæ. Сабитæ дæр æмæ сæ ныййарджытæ дæр райсынц стыр удæнцойдзинад.
Хъæлдзæг симгæ кафтæй райдыдта сабиты фембæлд Митын Дада æмæ Митын Чызгимæ. Цымыдисаг хъæзтытæ, ног азы зарджытæ, уыци-уыцитæ æмæ адджын лæвæрттæ. Цыбыр ныхасæй – Митын Дадайы хæдзар дзаг у амондæй æмæ хъæлдзæгдзинадæй.
Алæмæты хæдзар арæзт у уырыссаг аргъау «Морозко»-йы стилы. Афтæмæй алкæйы зæрдæмæ дæр фæцыд. Митын Дада æмæ Митын Чызг Ног азы кæстæртæн лæвар кæнынц æппæтæй ахсджиагдæр хорзæхтæ – хъæлдзæг æнкъарæнтæ æмæ хъæрмуд мысинæгтæ.
Аргъæутты хæдзармæ бахауын, цины æнкъарæнтæй фæхайджын уæвын æмæ Митын Дадайæ лæвар райсынмæ бæллы алчидæр.
Митын Дадайы хæдзары фарсмæ, традицимæ гæсгæ ис йе рмадз. Уым фæцæуынц алæмæты диссæгтæ. Бæлвырддæр та сывæллæтты ахуыр кæнынц алыхуызон ног азы лæвæрттæ кæнын. Ацы аз ма дзы кусы пряниктæ фыцæн æрмадз. Алкæмæн дæр йæ бон у имбирæй десерт скæнын.
Ахæм Ног азы аргъау сабитæн балæвар кодтой Митын Дада æмæ Митын Чызг. Алæмæты резиденци феныны фадат уыдзæн 12-æм январы онг.




