10 января 2025, 10:34
Йе нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, уыцы сабитæн, стæй сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты сывæллæттæн Ног азы бæрæгбон сарæзтой Дзæуджыхъæуы
Рæзгæ фæлтæримæ сæмбæлдысты Митын Дада, Митын чызг æмæ аргъæутты иннæ хъайтартæ
Йе нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, уыцы сабитæн, стæй сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты сывæллæттæн Ног азы бæрæгбон сарæзтой Дзæуджыхъæуы ирхæфсæн центртæй иуы. Рæзгæ фæлтæримæ сæмбæлдысты Митын Дада, Митын чызг æмæ аргъæутты иннæ хъайтартæ. Иумæ зарыдысты, кафыдысты, хъазыдысты, архайдтой алыхуызон конкурсты. Кæронбæттæны алы сывæллон дæр райста лæвар республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйлойы номæй. Ахæм мадзæлттæ арæзт цæуынц 30-æм декабрæй фæстæмæ. Сæ сæйраг нысан у, сывæллæтты зæрдæтæ бахъæлдзæг кæнын.
темæмæ гæсгæ




