Дзæуджыхъæуы иуæй-иу базарадон объектты йæ уæй кæнын райдыдтой 35 сомæй
Сæйрагдæр хойраг. Дзул кæй фæзынаргъдæр – уый се ппæт дæр бафиппайдтой. Дзæуджыхъæуы иуæй-иу базарадон объектты йæ уæй кæнын райдыдтой 35 сомæй. Дзулфыцджытæ зæгъынц, бæргæ архайдтой, цæмæй æргътæ уæлæмæ ма суадзой, фæлæ хомаг зынгæ фæзынаргъдæр. Темæйыл дарддæр дзуры Хъайтмазты Дзерассæ.
Дзул хауы, социалон нысаниуæг кæмæн ис, уыцы хойрæгты номхыгъдмæ. Уымæ гæсгæ йæ аргъ куы аивы, уæд уый уайтагъд фæзыны æхсæнадыл дæр. Адæм куыд зæгъынц, афтæмæй, иуæй-иу дуканиты дзул фæзынаргъдæр 35 сомы онг.
3 сомы се ппæтæн чысыл не сты. Бирæтæ сæ бюджетыл уайтагъд банкъардтой, дзул кæй фæзынаргъдæр ис, уый. Фæлæ монополиты ныхмæ службæйы куыд зæгъынц, афтæмæй нырма уал уавæр нормæйæ нæ ахызт.
Дзул чи фыцы, уыдон сæхæдæг куыд зæгъынц, афтæмæй æргътæ ма фæбæрзонддæр кæныны гæнæн нæ уыд. Раздæры аргъыл хæцыдысты, цас гæнæн уыд, уыйбæрц. Дзулы аргъ сырæзт иу аххосæгмæ гæсгæ – тынг фæзынаргъдæр хомаг. Æмæ æрмæст уый нæ.
Профилон ведомствæты ма хъæуы сбæрæг кæнын, дзулы аргъ иумæйагæй регионы фæбæрзонддæр æви æрмæст бæлвырд дуканиты, уый.




