филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

00:09 воскресенье, 01 февраля 2026
17 января 2025, 10:49
Дыгургомы тъунелы рацарæзт кæронмæ фæхæццæ кæны

Цыкола – Мацутæ – Комы-Арты фæндаг у æппæтæй сæйрагдæр бацæуæн туристон базæтæм æмæ æрдзы рæсугъддæр бынæттæм

Дыгургомы тъунелы рацарæзт кæронмæ фæхæццæ кæны. Куыстытæн фесты сæ 95%. Цыкола – Мацутæ – Комы-Арты фæндаг у æппæтæй сæйрагдæр бацæуæн туристон базæтæм æмæ æрдзы рæсугъддæр бынæттæм. Тъунел рацаразын бантыст, республикæ национ проект «Æдас æмæ хæрзхъæд фæндæгты» активонæй кæй архайы, уый фæрцы. Бæстондæр хабæрттæ радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Ахæм уыд фæндаг «Цыкола-Мацута-Комы-арт»-ы уаццаджы туннель рацарæзты размæ. Арæзтад дисы æфтыдта йæ æрдзон рельефтæй, фæлæ тæссаг уыд ацы фæндагыл чи цыд, уыдоны æдасдзинадæн. Цыбыр рæстæгмæ специалистты хъаруты фæрцы туннель аивта.

Национ проект «Æдас æмæ хæрзхъæд фæндæгтæм» гæсгæ маршрут «Цыкола-Мацута-Комы-арт»-ы 52 километры цалцæггонд æрцыдысты. Хуырвæндаджы бæсты фæзынд асфальт æмæ бетонæй уæлцъар, 5 хиды æххæстæй рацарæзтой. Аразджытæ фесты туннель уæрæхдæр кæныны куыстытæ, баххæст æй кодтой, проектмæ гæсгæ цы параметртæ нысангонд ис, уыдоны онг. Ныртæккæ бетон кæнынц æрдынцар, æххæст кæнынц гидроизоляцион куыстытæ.

Зынгсирвæзтыты æдасдзинад сæххæст кæнынæн цæгатаг æмæ хуссайраг порталты раз аразынц доны æвæрдæн резервуартæ. Алкæцыйы бæрц у – 160 кубометры. Порталты раз аразынц галерейтæ. Уыдон уæлæмхасæнæй хъахъхъæндзысты дурты калды рæстæг.

Сæйраг инженер куыд радзырдта, афтæмæй ныртæккæ куыстытæ конд сты 95 процентæн. Туристон сезоны размæ туннель эксплуатацимæ ратдзысты.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania