филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:57 воскресенье, 01 февраля 2026
18 января 2025, 10:20
Цæгат Ирыстоны территорийы объектты арæзтады æрныхас кодтой, Сергей Меняйлойы разамындæй æмбырды

2025-2027-æм азты хъуамæ радих кæной 27 миллиард сомы. Уыцы фæрæзтæй базилдзысты 346 алыхуызон объектмæ

Цæгат Ирыстоны территорийы объектты арæзтады, рацарæзты, бындурон цалцæджы æмæ аивдзинады, хæстæгдæр æртæ азмæ нысантыл, æрныхас кодтой, республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы разамындæй æмбырды.

2025-2027-æм азты хъуамæ радих кæной 27 миллиард сомы. Уыцы фæрæзтæй базилдзысты 346 алыхуызон объектмæ. Арæзтады æмæ архитектруæйы министр Бетанты Марат куыд радзырдта, афтæмæй ныртæккæ активонæй куыст цæуы контракттæ бафыссыныл. Сергей Меняйло ахуырады æмæ наукæйы министр Алыбекты Эллæйы ргом аздæхта ахуырадон процесс банывыл кæнынмæ, цалынмæ иуæй-иу скъолаты бындурон цалцæг цæуа, уæдмæ. Хъуамæ сывæллæттæ иу ахуыргæнæндонæй иннæмæ цæугæйæ, мацæмæй тыхсой – загъта регионы разамонæг. Уымæй дарддæр Сергей Меняйло фæсидт республикæйы районты сæргълæуджытæм, цæмæй афоныл хъусын кæной сæ бæрны территориты цалцæггæнинаг кæнæ аразинаг объектты тыххæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania