Бынæттон цæрджыты курдиатмæ гæсгæ ардæм æрбацыдысты Адæмон фронты регионалон хайады минæвæрттæ
Дзæуджыхъæуы Тельманы æмæ Трассовыйы уынгты тигъ æнцон уаццаг не схондзынæ. Тыхсын кæны хæстæгдæр цæрæн хæдзæртты цæрджыты. Суанг ма æддæмæ цæуын дæр нæ фæуæндынц. Ам æппынæдзухдæр фæцæуынц уæзласæн машинæтæ. Уый та хатгай расайы тæссаг фæстиуджытæм. Бынæттон цæрджыты курдиатмæ гæсгæ ардæм æрбацыдысты Адæмон фронты регионалон хайады минæвæрттæ. Сæ хъуыдытæ загътой Дзæуджыхъæуы администрацийы специалисттæ дæр. Фæндаггон арæзтады управленийы хицауы хæдивæг Фидараты Роберт куыд радзырдта, афтæмæй арæх ам тæссаг уавæртæ сæвзæрынц, шофыртæ æгæр тагъд кæй фескъæрынц машинæтæ, æмæ фæндаггон фæтк кæй халынц, уый аххосæй. Ацы уаццагмæ æркæсгæйæ, бакуыстой фæндаггон мадзæлтты комплексыл. Бæлвырддæр та дзы сæвæрын хъæуы фæндаггон нысантæ, стæй видеофиксацийы камерæтæ. Уыцы мадзæлттæ фадат ратдзысты аварион уавæртæ фæкъаддæр кæнынæн




