Бынæттон цæрджытæ тыхсынц, уæзласæн машинæтæ æппынæдзухдæр ам æгæр тагъд кæй фæцæуынц, уымæй
Адæмон фронты минæвæрттæ мониторинг скодтой, Тельманы æмæ Трассовыйы уынгтæ кæм баиу вæййынц, уыцы бынатæн. Бынæттон цæрджытæ тыхсынц, уæзласæн машинæтæ æппынæдзухдæр ам æгæр тагъд кæй фæцæуынц, уымæй. Сæ хъуыдытæ загътой Дзæуджыхъæуы администрацийы специалисттæ дæр. Ацы уаццагмæ æркæсгæйæ, бакуыстой фæндаггон мадзæлтты комплексыл. Бæлвырддæр та дзы сæвæрын хъæуы фæндаггон нысантæ, стæй видеофиксацийы камерæтæ. Уыцы мадзæлттæ фадат ратдзысты аварион уавæртæ фæкъаддæр кæнынæн. Хъайтмазты Дзерассæйæн ныхасы бар.
Тельманы æмæ Трассовая уынгтæ кæм баиу вæййынц, уыцы бынат хæстæг хæдзæртты цæрджытæн æдас нæу. Куыд зæгъынц, афтæмæй хатгай уынгмæ рацæуын дæр нæ фæуæндынц. Фæндаджы цæхгæр фæзилæн æмæ машинæты æгæр тагъд цыд расайынц тæссаг уавæртæм.
Видеойы – уæзласæн машинæ фæзилæны куыд бацыд, уый фæстиуджытæ. Диссагæн, уынджы уыцы рæстæг нæ уыд адæм. Бынæттон цæрджыты курдиатмæ гæсгæ, адæмон фронты регионалон хайады минæвæрттæ æрбацыдысты бынатмæ.
Горæты администрацийы минæвар Фидараты Роберт куыд загъта, афтæмæй арæх бирæ транспорт кæм цæуы, ахæм фæндагыл сæрмагондæй шофыртæ тагъдады фæтк кæй фехалынц, уый тыххæй сæвзæры тæссаг уавæртæ.
Нысангонд мадзæлтты фæрцы, хъуамæ фæкъаддæр уой фæндаггон фыдбылызтæм чи расайы, ахæм уавæртæ.




