Ацæргæ адæм боныгон Центрты фервитынц сæ рæстæг, фæкæнынц алыхуызон фæлтæрæнтæ, фæхъазынц шахмæттæй æмæ шашкæтæй
Республикæйы æнтыстджынæй æххæстгонд цæуын райдыдта ног национ проект «Бинонтæ» -йы федералон проект «Хистæр фæлтæр». Ацæргæ адæм боныгон Центрты фервитынц сæ рæстæг, фæкæнынц алыхуызон фæлтæрæнтæ, фæхъазынц шахмæттæй æмæ шашкæтæй. Ацæргæ адæмимæ кусгæйæ пайда кæнын райдыдтой нейробикæйæ дæр. Ацы мадзæлттæ сын æххуыс сты зындзинæдтæ ферох кæнынæн æмæ хъæлдзæгæй сæ царды бонтæ æрвитынæн. Бакæсæм Чехойты Фатимæйы сюжетмæ.
Лæмбынæг кæсгæйæ æмæ цас тагъддæр, уыйас хуыздæр, ссарын æппæт нымæцонтæ дæр, фæд фæдыл куыд цæуой, афтæ. Фыццаг бакастæй – рог хæс, фæлæ хистæр кары адæмæн æнцон нæу. Цæмæй йæ сæххæст кæной æмбæлгæ хуызы, уый тыххæй базмæлын кæнын хъæуы сæры магъз. Уымæн æххуыс – нейробикæ. Йæ фæлтæрæнтæ скусын кæнынц сæры магъзы дыууæ хайы дæр æмæ хорзырдæм фæбæрæг вæййынц хъуыдыкæнынадыл.
Тренировкæтæ райдайынц хуымæтæг фæлтæрæнтæй. Уыдоны фæстæ та архайджытæн бацæттæ кæнынц зындæр хæслæвæрттæ. Нейробикæйæ фыццаг хатт чи нæ архайы, уыдоны хъуыдымæ гæсгæ, ахуыртæ дæттынц хорз хатдзæгтæ. Уый тыххæй хъæуы æнæ зивæгæй æххæст кæнын хæслæвæрдтæ æмæ зæрдæ дарын сæ ахадындзинадыл.
Цалынмæ иутæ нейробикæйы фæлтæрæнтæ фæкæнынц, уæдмæ иннæтæ сæхи фæирхæфсынц стъолыл хъæзтыты архайгæйæ. Уыдон дæр сæры магъз кусын кæнынц. Уыцы рæстæгмæ адæмы ферох вæййынц царды æндæр хабæрттæ.
Пенсиисджытимæ алывæрсыг куыст цæуы национ проект «Бинонтæ» -йы федералон проект «Хистæр фæлтæр» æххæст кæнгæйæ. Уый республикæйы царды уагъд фыццаг аз нæ цæуы. Йæ фæрцы æххуысхъуаг адæмæн арæзт цæуынц алыхуызон мадзæлттæ.
Ацы мадзæлттæ хистæр фæлтæры минæвæрттæн хорз фадат æрмæст ногдзинæдтæ базонынæн не сты. Уыдоны руаджы сæ зæрдыл æрлæууы, кæддæр сын æхсызгондзинад цы хаста, фæлæ сын рæстæг кæмæн нæ уыд, уыцы архайд. Программæ «Хистæр фæлтæр» æххæстгонд цæуы 10 азы. Уыцы рæстæгмæ бирæ мадзæлттæ арæзт æрцыдысты. Азæй азмæ проекты хæстæ нæ ивынц. Сæ сæйрагдæр – хистæр кары адæммæ – æмбæлгæ цæстдард.




