филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

16:17 вторник, 03 ноября 2026
07 февраля 2025, 10:54
Дзæуджыхъæуы Московскийы уынджы дыууæ азы размæ сæвзæрд лыггæнинаг фарста

Асфальты фæзынд арф дзыхъ

Дзæуджыхъæуы Московскийы уынджы дыууæ азы размæ сæвзæрд лыггæнинаг фарста. Асфальты фæзынд арф дзыхъ. Хъыгдары куыд шофырты, афтæ фистæгæйцæуджыты дæр.  Фæндаг бындуронæй сцалцæг кодтой 2022-æм. Фæлæ цыбыр æмгъуыдмæ фæхæлд. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Чехойты Фатимæ.

Дыууæ азы размæ фехæлд Московскийы уынджы фæндаджы хай. Арф дзыхъхъ хъыгдары шофырты æмæ фистæгæйцæуджыты. Фæндаджы сæрты хизгæйæ адæм сæ къæхтæ скъуырынц, чидæртæ та ма кæлгæ дæр фæкæнынц. Фæндаджы хæлд хай фæбæрæг машинæты техникон уавæрыл, уæлдайдæр та къæвда, кæнæ мит куы фæуарынц, уæд. Шофырты фæндаджы уавæр тынг тыхсын кæны.

Фæндаг бындурон цалцæггонд æрцыд 2022 азы, фæлæ цыбыр рæстæгмæ йæ иу хай — Московскийы æмæ Владикавказскийы уынгтæй Калинины уынджы онг фехæлд. Горæты фæндæгты фонд хъаст балæвæрдта тæрхондонмæ, цалцæг æй чи кодта, уыцы  куыстуатыл.

Фæндаджы цалцæджы фарста хуымæтæг нæу. Фæндаггон фонды куыд фехъусын кодтой, уымæ гæсгæ тæрхондоны хъуыддагмæ кæстытæ иргъæвд æрцыдысты.  Радон каст уыдзæн 18 февралы. Уый хатдзæгтæм гæсгæ сбæлвырд уыдзысты, фæндаджы уæлцъары ноггæнæн куыстыты фæтк.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania