Æрвылбон уыдонæн арæзт фæцæуынц ирхæфсæн мадзæлттæ
Республикæйы ацæргæ адæмы æмæ инвалидты хæдзар-интернат «Узæлд»-ы цæрынц 130 адæймаджы. Æрвылбон уыдонæн арæзт фæцæуынц ирхæфсæн мадзæлттæ. Ацæргæ адæмы царды уавæрты тыххæй бæлвырддæр радзурдзæн Чехойты Фатимæ.
Мюзикл «Фатимæ»-йы артискæ æрбацыд хæдзар-интернат «Узæлд»-мæ. Елойты Екатеринæ фыццаг хатт ам архайдта Ног азы концерты. Уæдæй нырмæ сси, хæдзары зæрдиагæй кæмæ фенхъæлмæ кæсынц, ахæм уазæг.
Ацы хатт Елойты Екатеринæ зары, залмæ йæхи бон бацæуын кæмæн нæу, уыцы адæмæн. Ам ахсджиагыл нымад у хистæртæн аразын алы фадæттæ, цæмæй хæдзар-интернаты сæ рæстæг зæрдиагæй æрвитой.
Чырыстон бæрæгбон «Собор трех святителей» -йы кадæн хæдзар-интернаты цæрджытæн сарæзтой аргъуыд. Сауджын адæмæн радзырдта рухстауджытæ Василий Великий, Григорий Богослов æмæ Иоанн Златоусты тыххæй. Биганаты Валияимæ та йын рауад зæрдæргомгæнæн ныхас.
Хорз чи нæ уыны, уыдоны агъуысты фæзынд нырыккон мадзал — зондджын системæ. Уый руаджы адæмæн æнцондæр у архайын техникæйы фæрæзтимæ, рухс судзын æмæ хуыссын кæнын, бадзурын хæдзар-интернаты кусджытæм æмæ йæ разамонæгмæ. Иудзырдæй, адæмæн фенцондæр сты сæ царды уавæртæ.
Ныртæккæ хæдзар-интернаты цæры 130 адæймаджы. Йæ разамонæджы ныхæстæм гæсгæ, «Узæлд»-мæ бахауыны тыххæй бирæтæ æнхъæлмæ кæсынц сæ радмæ.
Национ проект «Бинонтæ» æххæст кæнгæйæ арæзт цæуынц алыхуызон фадæттæ хистæр фæлтæрмæ зилынæн. Программæйы нысан у ацæргæ адæмæн æмæ инвалидтæн æххуыс кæнын сæ царды алы уавæрты дæр.




