Ерысты архайдта 600 спортсменæй фылдæр Хуссар федералон зылды 8 регионæй
Цæгат Ирыстоны командæ ушуйæ рамбылдта 106 хæрзиуæджы Хуссар федералон зылды чемпионаты æмæ фыццаг бынат бацахсыны ерысты. Турнир уыд Майкъопы. Ерысты архайдта 600 спортсменæй фылдæр Хуссар федералон зылды 8 регионæй. Хатдзæгтæм гæсгæ нæ республикæ бацахста дыккаг командон бынат. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.
Рагон китайаг хъæбысхæсты аивады сусæгдзинæдтæ базоныныл Святослав Савченко архайы 10-æм аз. Ушуйы баиу сты хи хъахъхъæныны, философийы æмæ физкультурæйы элементтæ. Лæппу ацы спорты æвдисы иттæг хорз бæрæггæнæнтæ. Æдзух вæййы ерысты æмæ бацахсы фыццаг бынæттæ. Æнтыстджынæй йæхи равдыста Хуссар федералон зылды турниры дæр.
Спортсменты ныййарджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй ушу хорзырдæм зыны куыд сывæллæтты физикон райрæзтыл, афтæ сæ уды фидардзинадыл дæр.
Ушуйы хицæндзинæдтæ æвзонг спортсментæн амоны тренер Бырнацты Марк. Йæ ныхæстæм гæсгæ, радон ерысты размæ сывæллæттæм æрвылбон 2 хатты вæййы тренировкæтæ.
Хуссар федералон зылды чемпионаты æмæ фыццаг бынат бацахсыны ерысты цæгатирыстойнаг спортсментæ рамбылдтой 106 хæрзиуæджы æппæт программæтæм æмæ кары категоритæм гæсгæ. Турнир уыд Майкъопы. Арæзт æрцыд паддзахадон программæ «Физкультурæ æмæ спорты райрæзт» æххæстгæнгæйæ. Хатдзæгтæм гæсгæ нæ республикæ бацахста дыккаг командон бынат. Ныр та спортсментæ цæттæ кæндзысты æппæтуæрæсеон ерыстæм. Уыдзысты мартъийы Мæскуыйы.




