21 февраля 2025, 10:33
Дзæуджыхъæуы райдыдта акци «Уæлахизы Арт»
Фыццæгтæ дзы бацархайдтой 11-æм скъолайы ахуырдзаутæ æмæ педагогтæ
Дзæуджыхъæуы райдыдта акци «Уæлахизы Арт», æмæ баст у Уæлахизы 80 азы бонимæ. Фыццæгтæ дзы бацархайдтой 11-æм скъолайы ахуырдзаутæ æмæ педагогтæ. Уыдон Намысы Мемориалы æнусон артæй райстой иу хай, æмæ йæ бахастой сæ ахуыргæнæндонмæ. Скъолайы ма уый фæдыл арæзт æрцыд тематикон мадзал. Фæсивæд бакастысты æмдзæвгæтæ, акодтой зарджытæ æмæ презентацитæ. Патритотон акцийы архайдзысты горæты æппæт ахуыргæнæдæттæ. Арæзт цæуынц Дзæуджыхъæуы администрацийы ахуырады управленийы хъæппæрисæй.
темæмæ гæсгæ




