Дзæуджыхъæуы Терчыфалейы районы прокуратурæйы кусджыты æмæ сæрмагонд æфсæддон операцийы ветерантæ æрбацыдысты ахуыргæнæндонмæ
Дзæуджыхъæуы Терчыфалейы районы прокуратурæйы кусджыты хъæппæрисæй 21-æм скъолайы арæзт æрцыд акци – «Хъæбатырдзинады урок». Ацы ведомствæйы кусджытæ æмæ сæрмагонд æфсæддон операцийы ветерантæ æрбацыдысты ахуыргæнæндонмæ. Фембæлд арæзт æрцыд Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы боны кадæн. Бæстондæр радзурдзæн Чехойты Фатимæ.
«Зынаргъ салдат», цыма сæ рагон хæлармæ фыссынц, афтæ райдыдтой сæ фыстæг Азæмæт æмæ Камиллæ. Сывæллæтты зæрдæты – æгæрон уарзондзинад æфсæддонтæм. Сæйраг хъуыдытæ ныффыссын кадджын уазджыты æрбацыды размæ æнцон хæс нæу. Фæлæ 3-æм къласы ахуырдзаутæ сæхи афтæ дарынц, раст цыма сыл бирæ азтæ цæуы.
Къласы æцæг хъæбатыртæ, сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ куы уой, уæд æдыхст уæвын æнцон нæу. Алчидæр сæ у йæхи уникалон историимæ, фæлæ сæ иу цы хæбæрттæ кæнынц, ахæмтæ дæр чысыл не сты. Бархионтæ, фыдыбæстæйы æххуыс куы бахъуыд, уæд иуварс лæууын сæ бон нæ уыд. Цалынмæ уæззау цæфтæ нæ фесты, уæдмæ хъæбатырæй æххæст кодтой се *фсæддон хæс. Иутæ ныридæгæн сты операцийы ветерантæ, иннæтæ та сæ цæфтæ бадзæбæх кодтой, æмæ та, зæгъæм, Къæбысты Сосланы хуызæн рæвдз сты сæ хæстон хæстæ æххæст кæнынмæ. Йæ хæлæрттæ куыд хæцынц, уымæ иуварсæй кæсын нæ бафæрæзта лæппу æмæ араст æфсæддон комиссарадмæ. Магкæтты Олег та сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæмæ бахауд фæлтæрдджынæй. Скъоладзаутимæ фембæлд ын ногдзинад нæу. Фæлæ сывæллæттæн хæсты тыххæй дзурын Олегæн алы хатт дæр вæййы зын. Фембæлды рæстæг æрмæст уазджытæ нæ дзырдтой сæ мысинæгтæ, сæхæдæг дæр лæмбынæг хъуыстой сабитæм.
Скъоладзаутæ уазджытæн бацæттæ кодтой лæвæрттæ – акодтой сын патриотон зарджытæ, радзырдтой хæстон темæимæ баст æмдзæвгæтæ. Ахуыргæнæндонæн ис хъæздыг истори. Скъола хæссы хъайтар Дмитрий Семеновы ном. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг йæ бæстыхайы уыд госпиталь. Скъоладзаутæ уазджыты дисы бафтыдтой сæ арф зонындзинæдтæй Фыдыбæстæйы Стыр хæсты æмæ сæрмагонд æфсæддон операцийы тыххæй.
21-æм скъолайы ахуырдзаутæн бæрæгбоны агъоммæ фыдыбæстæ хъахъхъæнджытимæ фембæлын рауад Дзæуджыхъæуы Фæстерчы районы прокуратурæйы кусджыты руаджы. Акци «Хъæбатырдзинады урок» у ацы ведомствæйы хъæппæрис. Барадхъахъхъæнджытæ ма сарæзтой патриотон темæимæ баст сывæллæтты нывты конкурс дæр. Уæлахиздзаутæн æмæ лауреаттæн лæвæрдтæ радта прокурор Евгений Гусаров.
Скъоладзаутимæ фембæлды фæстæ прокуратурæйы кусджытæ бабæрæг кодтой скъолайы ахуырдзау Мæргъиты Русланы. Йæ фыд архайдта сæрмагонд æфсæддон операцийы. Йæ цард аскъуыд йæ хæстон хæс æххæст кæнгæйæ.
58-æм æфсады службæгæнæг Мæргъиты Артур уыд техник-механик. Сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæмæ бахауд 2022 азы февралы. Йæ бинонтæ та æнхъæл уыдысты, радон командировкæйы кæй ис, уый.
Аныхас кæнын бантыст æрмæст Русланимæ нæ, фæлæ ма йæ кæстæр æфсымæр æмæ хистæр хоимæ. Дзырдæн зæгъгæйæ, Валерия фæнд кæны слестгæнæг суæвын. Прокуратурæйы кусджытимæ фембæлды руаджы чызг хуыздæр бамбæрста йæ фидæны дæсныйады миниуджытæ.
Райгуырæн зæххмæ уарзондзинад, патриотизмы нысаниуæг æмæ истори зонын – ахæм акцитæй алкæцыдæр у сæрмагонд æвæрæн кæстæр фæлтæры хъомалады фарсты. Дзæуджыхъæуы Фæстерчы районы прокуратурæйы кусджытæ ахæм фембæлдтытæ фæнд кæнынц арæхдæр аразын.




