Баст у сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты æмæ ветеранты комплексон ахуырадимæ
Цæгат Ирыстоны официалон æгъдауæй райдыдта республикон программæ «Ирыстоны намыс», æмæ баст у сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты æмæ ветеранты комплексон ахуырадимæ. Цæмæй программæ бæрзонд æмвæзадыл æххæстгонд цæуа, уый тыххæй республикæйы арæзт æрцыд Æхсæнадон совет. Хаст æм æрцыдысты алы къабæзты ирд минæвæрттæ æмæ æхсæнадон организациты разамонджытæ. Æхсæнадон Советы сæрдар та у рсепубликæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло. Ахуырадон программæ æххæстгонд цæуы адæмон хæдзарады æмæ паддзахадон службæйы Уæрæсейы академийы паддзахадон разамынды Уæлдæр скъолаимæ иумæ. Цæгат Ирыстоны та йæ æххæст кæны республикæйы Сæргълæууæджы æмæ Хицауады Администраци. Программæйы архайджыты æвзаргæйæ, сæйрагдæр кæсдзысты æфсæддон сгуыхтдзинæдтæм, разамонæджы фæлтæрддзинадмæ, адæймаджы миниуджытæм æмæ кандидаты хъомысмæ. Æвзарæн къæпхæн чи ацæуа, уыдон хъуамæ бавзарой ахуырадон курс цалдæр модулæй. Ныртæккæ чи службæ кæны, уыдонæн программæйы ис хицæн уавæртæ. Бакуыстой сыл Уæрæсейы хъахъхъæнынады Министрадимæ иумæ. Æвзарæн куыст фæуынмæ хъавынц 1-æгæм июлы. Йæ архайджытæ ацæудзысты цалдæр къæпхæны. Сергей Меняйло куыд загъта, афтæмæй кæронбæттæн уынаффæ хæсдзысты Æхсæнадон советы уæнгтæ. Курдиæттæ бадæттæн ис сайт доблестьосетии.рф-ы хи кабинеты. Уый ныридæгæн йæ куыст райдыдта.




