филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

16:21 суббота, 31 января 2026
28 февраля 2025, 10:39
Дзæуджыхъæуы ацыдысты профессор Тъехты Баграты райгуырды 95 азы кадæн номарæн кæстытæ

Мадзал бацæттæ кодта Абайты Васойы номыл скифаг-алайнаг иртæстыты центр

Дзæуджыхъæуы ацыдысты ахуыргонд, профессор Тъехты Баграты райгуырды 95 азы кадæн номарæн кæстытæ. Мадзал бацæттæ кодта Абайты Васойы номыл скифаг-алайнаг иртæстыты центр. Кæддæр ын разамынд ацы зындгонд Кавказ иртасæг лæвæрдта. Тъехты Баграты нымайынц, йе нтыстдзинæдтæ æппæт дунейыл кæмæн айхъуыстысты, уыцы фыццаг ирон профессионалон археологтæй иуыл. Архайдта хъобайнаг культурæйы бындуртæ иртасыныл. Бирæ рæстæг куыста Тлийаг дзæппæзты истори базоныныл. Уым цы артефакттæ ссардта, уыдон фенæн ис Хуссар Ирыстоны национ музейы. Зæгъын хъæуы уый дæр, æмæ ацы музей байгом кæныны хъуыддагмæ стыр æвæрæн бахаста Тъехты Баграт дæр. У 150 наукон иртæсæн куысты æмæ 15 монографийы автор. Мадзал арæзт æрцыди уæрæсейаг наукæйы боны фæлгæты. Бахыгътой дзы Дзæуджыхъæуккаг наукон центры бæрæггæнæнтæ ивгъуыд азæн. ЦИПУ-йы студенттæн дзы радзырдтой, ахуыргонд æрмæст Уæрæсейы нæ, фæлæ дунеон археологи æмæ историмæ цы æвæрæн бахаста, уый тыххæй. Йæ ахуыргæнинæгтæ йын абон йæ арфæйаг хъуыддаг æххæст кæнынц дарддæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania