филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

19:54 суббота, 31 января 2026
01 марта 2025, 11:35
Сергей Меняйлойы разамындæй арæзт æрцыд барад хъахъхъæныны фæдыл координацион советы æмбырд

Ныхас цыд муниципалон æмæ муниципалон объектты хсæн маршрутон такситы шофырты архайдыл

Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы разамындæй арæзт æрцыд барад хъахъхъæныны фæдыл координацион советы æмбырд. Архайдтой дзы тыхы структурæты, барад хъахъхъæныны æмæ цæстдарæн ведомствоты разамонджытæ, стæй республикæйы хицаудзинады оргæнты минæвæртты. Ныхас цыд муниципалон æмæ муниципалон объектты хсæн маршрутон такситы шофырты архайдыл. Сергей Меняйло транспорты æмæ фæндаггон инфраструктурæйы Комитеты раз сæвæрдта хæс, къуырийы кæронмæ бæлццæттæласæн транспорт бæрæггæнæн куысты фæтк сфидар кæнын. Æмбырды архайджытæ ма æрныхас кодтой хъалонты æмæ æнæхъалон æфтиæгты бæрц республикæйы иумæйаг бюджетмæ. Æмбырды хатдзæгтæм гæсгæ лæвæрд æрцыдысты бæлвырд амынддзинæдтæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania