филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

19:54 суббота, 31 января 2026
01 марта 2025, 11:29
95 азы сæххæст профессор Къомайты Риммæйы райгуырдыл

Цал æмæ цал студенты фæлтæры схъомыл кодта Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты филологийы æмæ журналистикæйы факультетты, æмæ сын бауарзын кодта аив дзыр

95 азы сæххæст профессор Къомайты Риммæйы райгуырдыл. Цал æмæ цал студенты фæлтæры схъомыл кодта Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты филологийы æмæ журналистикæйы факультетты, æмæ сын бауарзын кодта аив дзырд. Къомайты Риммæйы мысæм нæ программæйы сюжеты. Чехойты Фатимæйæн ныхасы бар.

Домаг æмæ зондджын ахуыргæнæг, хæларзæрдæ адæймаг. Къомайты Риммæйы арæх æрымысынц йæ студенттæ. Куыд тарстысты йæ фæлварæнмæ цæугæйæ, куыд архайдтой, цæмæй ма фæрæдийой. Уæд сæм касти, цыма сæ æгæр бирæ цыдæртæ домы. Фæлæ йын фæстæдæр бамбæрстой йæ ахадындзинад сæ царды.  Ирон филологи æмæ журналистикæйы факультеты декан, уырыссаг æвзаджы æмæ дзыллон коммунакациты кафедрæйы сæргълæууæг, Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон премийы лауреат. Кæцыфæнды куысты бынаты дæр, цавæрфæнды хæрзиуджытæ аккаг суæвгæйæ дæр хæлардзинад уыд йæ сæйраг хæзна.

Йæ студенттæн Къомайты Риммæ уыд авторитет æрмæст дæсныйады нæ, фæлæ царды дæр. Йæ фæдзæхстытæм ын хъуыстой, йæ хъуыдытæн ын стыр аргъ кодтой. Профессор 50-ай азæй фылдæр снывонд кодта ахуырадæн. Цал æмæ цал æрыгон адæймагæн сси фæндагамонæг журналистикæйы æгæрон дунемæ. Ныр уыдон кадимæ мысынц сæ уарзон зондамонæджы.

Къомайты Риммæ æрмæст уырыссаг æвзаджы хицæндзинæдтыл нæ ахуыр кодта, ахсджиагыл нымадта адæммæ уарзон цæстæнгас дарын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania