05 марта 2025, 10:31
Абон нæ бæстæйы регионты 10:40 азæлдзысты электросиренæтæ æмæ хъæрæйдзурæнтæ
Афтæ специалисттæ бæлвырд кæнынц хъусын кæныны системæты куыст
Абон нæ бæстæйы регионты 10 сахаты æмæ 40 минутыл азæлдзысты электросиренæтæ æмæ хъæрæйдзурæнтæ, æппæтуæрæсеон теле æмæ радиоканалты эфиры уыдзæн сигнал «ВНИМАНИЕ ВСЕМ!». Уый тыххæй хъусын кæны Уæрæсейы æнæнхъæлæджы уавæрты министрад. Афтæ специалисттæ бæлвырд кæнынц хъусын кæныны системæты куыст. Сæ нысан у, æрдзон кæнæ техногенон хуызы æнæнхъæлæджы уавæрæй тæссаг куы уа, кæнæ куы сæвзæра, уæд адæммæ афоныл фæхæццæ кæнын сингал «ВНИМАНИЕ ВСЕМ». Æнæнхъæлæджы уавæрты министрад цæрджытæм сиды, цæмæй ма мæт кæной.
темæмæ гæсгæ




