филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:20 суббота, 31 января 2026
07 марта 2025, 10:37
Сослан æмæ Цæра Мæрзаты сæ хæсыл банымадтой Фыдыбæстæ хъахъхъæнын æмæ уæлахиз æрбахæстæг кæнын

Хъыгагæн, Сосланæн хæстон фæндагыл æххæстæй ацæуын нæ бантыст

Нæ дарддæры æрмæджы хъайтартæ сты Мæрзаты бинонтæ. Сослан æмæ Цæра сæ хæсыл банымадтой Фыдыбæстæ хъахъхъæнын æмæ уæлахиз æрбахæстæг кæнын. Хъыгагæн, Сосланæн хæстон фæндагыл æххæстæй ацæуын нæ бантыст. Контузийы фæстæ йæ низ стыхджын, æрыздæхт сæхимæ æмæ йæ фæстаг бонтæ арвыста хæдзары. Абон йæ хистæр æфсымæры хъуыддаг дарддæр хæццæ кæны Цæра. Сæ ныййарджытæ дæр, сæ бон цæмæй у, уымæй æххуыс кæнынц. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Куыд æппæтæй зынаргъдæр хæзна, афтæ Мæрзаты Тамарæ фидар хæцы йæ хистæр фырты къамыл æмæ сæрыстырæй дзуры, цавæр ныфсджын адæймаг уыд, уый тыххæй. Запасы афицер, æмæ инвалиды къордимæ уæвгæйæ, Сосланæн йæ бон уыд сæрмагонд операцийы ма архайын. Фæлæ йын Фыдыбæстæ хъахъхъæнын уыд ахсджиагдæр.

Фронтмæ ма ацæуыныл Сослан ницы хуызы сразы уыдаид, зæгъынц ныййарджытæ. Фæндыдис æй баххуыс кæнын бæстæйæн æмæ сæрмагонд операцийы зонæмæ раздæр чи ацыд, уыцы хæстонтæн. Фæлæ йе нæниздзинады уавæры тыххæй, Сосланæн йæ хæстон фæндаг æххæстæй ацæуын нæ бантыст. Контузийы фæстæ йæ низ стыхджын æмæ йæ бахъуыд хæдзармæ æрбаздæхын. Уым фæцис йæ фæстаг бонтæм. Ныртæккæ Сосланы хъуыддаг дарддæр хæццæ кæны йе фсымæр Цæра. Контракт кæй бафыста, уый тыххæй хиуæттæм загъта цæуынæй 2 боны раздæр. Абон дæр архайы æрмæст хорз хъуыддæгтыл дзурын, цæмæй бинонтæ ма мæт кæной. Мæрзаты Уртанбег æмæ Тамарæйæн сæ фырттæ хъæбатыртæ систы, куыддæр фронтмæ ацæуын сфæнд кодтой, афтæ. Хъомыл сæ кодтой патриоттæй æмæ адæмуарзонæй.

Ныййарджытæ сæхæдæг дæр уæлахиз хæстæг кæнынмæ се вæрæн хæссынц. Мидхъуддæгты министрады ветерантæ архайынц, сæрмагонд операцийы зонæйы чи ис, уыцы хæстонтæн æххуыс кæныныл. Арвыстой сын сæ уæзласæн машинæ. Куыд зæгъынц, афтæмæй Цæрайы æмæ иннæ хъахъхъæныджыты ныртæккæ тынгдæр хъæуы.

Æрмæст иумæйаг хъарутæй бафтдзæн къухы уæлахиз, зæгъынц Мæрзатæ. Уымæ гæсгæ ахсджиаг у хæстонтæн æххуыс кæнын, æмæ сын сæ зæрдыл лæууын кæнын, сæхимæ сæм куыд тынг æнхъæлмæ кæсынц, уый.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania