07 марта 2025, 10:38
Цæгат Ирыстоны ацæудзæн историйæ скъоладзауты хсæн æппæтуæрæсеон олимпиадæйы кæронбæттæн къæпхæн
Ацы хъуыды хорзыл банымадтой Цæгат Ирыстоны Хицауады æмбырды
Цæгат Ирыстоны ацæудзæн историйæ скъоладзауты хсæн æппæтуæрæсеон олимпиадæйы кæронбæттæн къæпхæн. Республикæмæ ссæудзæн бæстæйы 89 регионæй 150 адæймаджы. Уымæ гæсгæ арæзт æрцæудзæн мадзалы хæрзхъæддзинадæн æмæ æдасдзинадæн дзуапп чи дæтдзæн, ахæм кусæг къорд. Ацы хъуыды хорзыл банымадтой Цæгат Ирыстоны Хицауады æмбырды. Бæрæггонд куыд у, афтæмæй Алагиры районы кадетон кълæсты ахуырдзаутæн уæлæдарæсæн дихгонд æрцæудзæн 1 милуан сомы. Хицауады уæнгтæ ма цы уагæвæрд сфидар кодтой, уымæ гæсгæ, карз нозт кæмæ нæ хæццæ кæны, уыимæ энергетиктæ дæр куыд уæйгонд цæудзысты, уымæ йæ цæст дардзæн республикæйы хъæууон хæдзарады министрад.




