8-æм мартъийы фæдыл сын арфæ ракодта Сергей Меняйло
Абон у сылгоймæгты Æппæтадæмон бон. Республикæйы сылгоймæгтæй алы къабæзты бæрзонд профессионалон æмвæзадмæ чи схызти уыдонæн кад кодтой Ирон театры. 8-æм мартъийы фæдыл сын арфæ ракодта Сергей Меняйло. Уазджытæн загъта бузныг царды фидауц кæй сты, æмæ сыл стыр уаргъ æвæрд кæй ис, уымæй. Йæ зæрдæ сын загъта æнæниздзинад æмæ сылгоймаджы амонд. Бинонты институт фидар кæныны æмæ дæнцæгæн хæссинаг цот схъомыл кæныны тыххæй Уæрæсейы Президенты указмæ гæсгæ «Ныййарæджы намыс»-ы майданæй регионы разамонæг схорзæхджын кодта Хынцæгты Джульеттæйы æмæ Гобозты Аланы. «Фыдыбæстæйы цур сгуыхтдзинæдты» ордены майдан саккаг кодта Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты бинонты æппæтуæрæсеон организацийы ирыстойнаг хайады сæрдар Антонина Днепровскаяйæн. Сæрмагонд æфсæддон операцийы рæстæг лæгдзинад æмæ хъæбатырдзинад равдисыны тыххæй «Ирыстоны сæраппонд»-ы майдан Сергей Меняйло радта кæстæр сержант Еналдыты Регинæйæн æмæ гвардийы майор Мария Рашитхановайæн. Сæргълæууæг ма иу хатт се ппæтæн дæр загъта бузныг æмæ æмæ сын ракодта бæрæгбоны арфæтæ.




