12 марта 2025, 16:01
Мæздæджы арæзт æрцыд «Æфсæддон квиз» районы скъолаты æмæ училищæты ахуырдзаутæн
Интеллектуалон хъазт сæмбырд кодта 10 командæйы
Фыццæгты Змæлды координаторты хъæппæрисæй Мæздæджы арæзт æрцыд «Æфсæддон квиз» районы скъолаты æмæ училищæты ахуырдзаутæн. Интеллектуалон хъазт сæмбырд кодта 10 командæйы. Фæсивæд сæ зонындзинæдтæ æвдыстой райдиан æфсæддон цæттæдзинадæй, æфсæддон дзырдуатæй, хæцæнгарз зонынæй. Хъазты уыди 4 раунды. Алкæцыйы фæстæ дæр бæрнон жюрийы уæнгтæ нымадтой баллтæ. Уыдонмæ гæсгæ сбæрæг кодтой уæлахиздзауты. Хæслæвæрдтæ хуыздæр сæххæст кодтой Терскийы станицæйы æвзонг хъазахъхъæгтæ. Дыккаг æмæ æртыккаг бынæттæ бацахстой Хъызлары æмæ Мæздæджы скъолаты ахуырдзаутæ. æппæт архайджыты схорзæхджын кодтой кады гæххæттытæй, уæлахиздзауты та парти Иугонд Уæрæсейы номæй лæвæрттæй.
темæмæ гæсгæ




