филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

18:19 суббота, 31 января 2026
13 марта 2025, 10:33
Цæгат Ирыстоны бавнæлдтой Архонкæйы иувæрсты цæуæг фæндаджы арæзтадмæ

Специалисттæ сараздзысты транспортæн цыппаррæнхъон уæрæх фæндаг

Цæгат Ирыстоны бавнæлдтой Архонкæйы иувæрсты цæуæг фæндаджы арæзтадмæ. Специалисттæ сараздзысты транспортæн цыппаррæнхъон уæрæх фæндаг. Сæ дæргъ уыдзæн 7 мин километрæй фылдæр. Ныртæккæйы фæндаг арæзт æрцыд 40 азы размæ, æмæ абоны бирæ машинæты цыдæн дзуапп нал дæтты. Ног трассæ та уыдзæн нырыккондæр æмæ æдасдæр. Фидараты Маринæ радзурдзæн бæстондæр.

Архонкæйы иувæрсты цæуæг фæндаджы арæзтад райдыта мартъийы. Ныртæккæ специалисттæ калынц зæронд асфальт, æмæ кæнынц зæххы бын куыстытæ.Участоччы фæллой кæнынц 50 адæймаджы æмæ техникæйы 25 машинæйы. 40 азы размæ арæзт фæндаг ныртæккæйы бирæ машинæты цыдæн дзуапп нал дæтты. Уымæй дарддæр цæрæн хæдзæрттæ æмæ æхсæнадон бæстыхæйттæ тынг бахæстæг сты трассæмæ. Ног иувæрсты цæуæг фæндаг уыдзæн æдас æмæ сæйрагдæр ацæуæн Дзæуджыхъæу -Æрыдон -Цыкола – Лескен-2 трассæйыл.

Фæндаджы дæргъ уыдзæн 7 километрæй фылдæр. Уыимæ 4 рæнхъы, алы рдæм дæр фæйнæ дыууæ фарсы. Специалисттæ ма скæндзысты Джызæлдоны сæрты хид æмæ дыууæ хиды арæзтады. Ног фæндагæн уыдзæн дыккаг техникон категори. Уый та фадат ратдзæн суткæмæ 14 мин машинæйы ауадзынæн. Фæндагыл бамбæрздзысты фидар асфальт бетонæй уæлцъар. Сæвæрдзысты рухсгæнæнтæ æмæ бырутæ. Ног трассæйы фæрцы зынгæ фæрогдæр уыдзæн транзитон транспорты уавæр Архонкæйы станицæйы.  Фæхуыздæр уыдзысты экологон бæрæггæнæнтæ дæр. Арæзтадон куыстытæ цæуынц, национ проект «Цæрынæн инфраструктурæ» æххæст кæнгæйæ.

Нысантæм гæсгæ ног фæндаджы арæзтад фæуынмæ хъавынц 2027-æм азы кæрон, 2028-æм азы райдиан.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania