13 марта 2025, 10:34
Дзæуджыхъæуы зилынц цыртдзæвæнтæм æмæ зæрдылдарæн бынæттæм
Монументтæ æхсынц æмæ сæ ног кæнынц
Дзæуджыхъæуы зилынц цыртдзæвæнтæм æмæ зæрдылдарæн бынæттæм. Монументтæ æхсынц æмæ сæ ног кæнынц. Фыццаг уал саив кодтой Ирыстойнаг районы Ленины цыртдзæвæн, Театралон фæзы Къостайы, Семен Штыб æмæ Быгъуылты Дзæуджы монументтæ, Уæлахизы фæзы «Танк Т-34», «Адæмты Хæлардзинады монумент» Октябры 50 азы фæзы. «Спецэкосервис»-ы кусджытæ куыд загътой, афтæмæй кусынц нырыккон æрмæгæй, цæмæй цыртдзæвæнтæ ма хæлой. Хъарм рæстæг монументтæ ныссыгъдæг кæнынц мæй дыууæ хатты, зымæджы та, боныхъæд куы фæамоны, уæд.




