14 марта 2025, 10:38
«Джигиты бон» ацыд Дзæуджыхъæуы 46-æм скъолайы
Бæрæгбоны рæстæг ма арæзт æрцыд ерыс 8-æмкъласонты хсæн
«Джигиты бон» ацыд Дзæуджыхъæуы 46-æм скъолайы. Бæрæгбоны рæстæг ма арæзт æрцыд ерыс 8-æмкъласонты хсæн. Æппæтæй зондджындæр æмæ арæхстджындæры ном райсыныл ерыс кодтой æрмæстдæр лæппутæ. Хъуыди сæ цалдæр къæпхæны ацæуын. Уыимæ – мысан æхсын, сфæлдыстадон курдиат раргом кæнын æмæ алы фæрстытæн дзуапп дæттын. Командæтæн аргъ кодтой бæрнон жюрийы уæнгтæ. Уыдон та уыдысты республикæйы адæмты Хæлардзинады Хæдзары минæвæрттæ. Уыдон ахуыргæнæндонимæ иумæ уыдысты бæрæгбон саразджытæ. «Джигиты бон» кæд официалон бæрæгбон нæу, уæддæр æй Кавказы фæбæрæг кæнынц 1-æгæм мартъийы. 46-æм скъолайы та æрæзт æрцыд цымыдисаг хуызы.
темæмæ гæсгæ




