Федералон рухстауæн проектмæ гæсгæ арæзт æрцыдысты лекцитæ, сæрмагондæй фæллойы æмæ социалон рæзты Министрады кусджытæн
Мæздæджы районы паддзахадон оргæнты кусджытæ се вæрæн бахастой, Уæрæсейаг æхæснад «Знание» цы мадзæлттæ аразы, уыдонмæ. Федералон рухстауæн проектмæ гæсгæ арæзт æрцыдысты лекцитæ, сæрмагондæй фæллойы æмæ социалон рæзты Министрады кусджытæн. Мадзал уыд Мæздæджы, æмæ сси егъау рухстауæн куысты иу хай. Афтæмæй фылдæр кæнынц паддзахадон кусджыты зонындзинæдтæ историйæ, культурæйæ, экономикæйæ æмæ геополитикæйæ. Лектор уыд Æрыдоны районы ахуырады департаменты разамонæг Багаты Ибрагим. Фембæлдмæ хуынд æрцыдысты фæллойы æмæ социалон рæзты министрады бæрны цыппар организацийы специалисттæ. Ацы мæй ма ахæм рухстауæн лекцитæ ацæудзысты ахуырады æмæ наукæйы Министрады дæр.




