филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

19:26 суббота, 31 января 2026
18 марта 2025, 10:36
1300 уæзласæн машинæйæ фылдæр рады лæууынц уæрæсейаг-гуырдзиаг арæнты сæрты ахизынмæ

Уый тыххæй аппаратон æмбырды фехъусын кодта вице-премьер Томайты Ирбег

1300 уæзласæн машинæйæ фылдæр рады лæууынц уæрæсейаг-гуырдзиаг арæнты сæрты ахизынмæ. Уыдонæй 520 сты сæрмагонд æрлæууæнты. Уый тыххæй аппаратон æмбырды фехъусын кодта вице-премьер Томайты Ирбег. Сергей Меняйло бахæс кодта, транзитон транспорты шофыртæм домæнтæ фæкарздæр кæнын. Республикæйы Сæргълæууæг зæрдыл æрлæууын кодта, фæсарæйнаг граждæнтæй цалдæр хатты фæндаггон змæлды фæтк чи фехала, уыдоны Уæрæсейы территоримæ уадзын нал хъæуы. Æмбырды ныхас цыди дзæгъæл цæрæгойтыл дæр. Сергей Меняйло куыд фæнысан кодта, афтæмæй адæмыл куыйты хæцтытæ сарæх сты. Бахæс кодта, цæмæй дзуапдæттæг оргæнтæ æрхъуыды кæной æмбæлгæ закъоны проект, стæй модулон питомникты проект. Регионы разамонæг бадомдта, дзæгъæл цæрæгойтæ скъолаты æмæ рæвдауæндæтты территорийы куы уой, уæд хъуамæ дзуапдæттæг службæтæ æвæстиатæй рацæуой бынатмæ. Ныхас цыди цардархайды æндæр фарстатыл дæр. Афтæ, ноггуырдтæн лæвæрттæ дæттыны хъуыддаг сног уыдзæн 21-æм мартъийы. Сергей Меняйло бахæс кодта ныййарджыты бафæрсын, æмæ базонын цавæр хуызы лæвар сæ хъæуид, уый. Уый, кæнæ сертификат, кæнæ та лæвар – раздæры фæткмæ гæсгæ. Æмбырды æрдзырдтой республикæйы паркты æмæ æндæр фæлладуадзæн бынæттæ бафснайыныл дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania