18 марта 2025, 10:38
Сапицкийы фæлладуадзæн бынаты расидтысты зиу
Се вæрæн æм бахастой Цæгат Ирыстоны сæргълæууæджы æмæ хицауады администрацийы кусджытæ
Сапицкийы фæлладуадзæн бынаты расидтысты зиу. Се вæрæн æм бахастой Цæгат Ирыстоны сæргълæууæджы æмæ хицауады администрацийы кусджытæ. Кусæн æрмæг райсыны размæ уал скодтой райсомы традицион зарядкæ. Уый фæстæ адих сты къордтыл, алчидæр сæ дзуапп лæвæрдта хицæн зонæйæн. Территорийæ раластой зæронд бæлæстæ, хус сыфтæртæ æмæ бырæттæ, чъырæй сцагътой бæлæстæ Республикæйы сæргълæууæджы æххуысгæнæг Хъуыссæты Мæирбег горæты цæрджытæм сиды, цæмæй архайой ахæм мадзæлтты. Уалдзæджы ралæудимæ фæлладуадзæн зонæтæ æмæ сквертæ æфснайыны хъуыддаг у æрвылазон. Иумæйаг тыхтæй сыгъдæгдзинадыл архайын у ахадгæ.
темæмæ гæсгæ




