29 марта 2025, 10:52
Сергей Меняйло фембæлд республикæйы туристон къабазы минæвæрттимæ
Ныхас цыд туроператорты æмæ æппæт сезонты кусæг курорт «Мамысон»-ы куыстыл
Сергей Меняйло фембæлд республикæйы туристон къабазы минæвæрттимæ. Ныхас цыд туроператорты æмæ æппæт сезонты кусæг курорт «Мамысон»-ы куыстыл. «Мамысон» у стратегион ахсджиаг объект канд Цæгат Ирыстонæн нæ, фæлæ æппæт бæстæйæн дæр. Æмæ хъæуы æппæт лыстæг хъуыддæгтыл бæстон бакусын, – загъта регионы сæргълæууæг. Фембæлды ма ныхас цыд инфраструктурæйы рæзтыл. Æмбырды хатдзæгтæм гæсгæ бакусдзысты бæлвырд мадзæлттыл, цæмæй бынæттон туроператорты архайд фæахадгæдæр уа, æмæ туристтæн æмбæлгæ уавæртæ арæзт æрцæуа, уый тыххæй.

темæмæ гæсгæ