филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

16:43 суббота, 31 января 2026
01 апреля 2025, 10:35
Пысылмон диныл хæст адæм бæрæг кæнынц сæ сæйрагдæр бæрæгбæттæй иу – Ураза-Байрам

Нысан кæны, комдарæны мæй Рамадан кæй фæци, уый

Пысылмон диныл хæст адæм бæрæг кæнынц сæ сæйрагдæр бæрæгбæттæй иу – Ураза-Байрам. Нысан кæны, комдарæны мæй Рамадан кæй фæци, уый. Республикæйы мæзджытты алы райсом дæр арæзт æрцæуы не сфæлдисæгмæ иумæйаг скуывд – бæрæгбоны намаз. Традицимæ гæсгæ ацы бон бæрæг кæнынц хæдзæртты, хиуæтты æмæ хæлæртты хсæн. Адæм кæрæдзимæ фæцæуынц арфæтæ æмæ лæвæрттимæ. Суниттаг мæзджытмæ бæрæгбоны аходæнмæ æрбахуыдтой кæй фæндыд, уыдоны се ппæты дæр. Кадджын уазджыты хсæн – сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ. Бæрæгбоны нысаны тыххæй радзырдта республикæйы муфтий Гуæцæлты Хадзымурат.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania