филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

02:31 среда, 17 декабря 2025
02 апреля 2025, 10:47
Хетæгкаты Къостайы ном æрымысыдысты Ирыстоны интеллигенцийы минæвæрттæ

Ирон литературæйы бындурæвæрæг йæ цардæй ахицæн 119 азы размæ

Хетæгкаты Къостайы ном æрымысыдысты Ирыстоны интеллигенцийы минæвæрттæ. Ирон литературæйы бындурæвæрæг йæ цардæй ахицæн 119 азы размæ. Аив дзырды дæсны, нывгæнæг, æцæг патриот стыр æвæрæн бахаста уæрæсейаг литературæмæ, æмæ ирд фæд ныууагъта дунейы культурæйы историйы. Йæ бирæвæрсыг курдиаты тыххæй зындгонд фыссæг Александр Фадеев загъта: «Хетæгкаты Къоста йæ ирон адæмæн у Леонардо да Винчи».  Мысæн мадзæлттæ ацыдысты Ирон аргъуаны кæрты, Къоста ныгæд кæм æрцыд, уым. Сфæлдыстадон интеллигенцийы, Хетæгкаты мыггаджы минæвæрттæ, скъоладзаутæ сæвæрдтой дидинджытæ æмæ веноктæ стыр поэты цыртдзæвæныл.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania